филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

13:05 воскресенье, 01 февраля 2026
13 апреля 2023, 11:22
Дзæуджыхъæуы централизацигонд библиотекæты иугонды арæзт æрцыд ног чиныджы презентаци

Бакуыстой йыл Таутиаты Минтæ æмæ Гасанты Валерий

Дзæуджыхъæуы централизацигонд библиотекæты иугонды арæзт æрцыд ног чиныджы презентаци. Бакуыстой йыл Таутиаты Минтæ æмæ Гасанты Валерий. Ацы хатт чиныгкæсджыты размæ рахастой Заманхъулы истори. Хъæуæй Фыдыбæстæ хъахъхъæнынмæ чи ацыд, стæй дзы цы зындгонд адæм рацыд, уыдоны тыххæй æрмæджытæ. Презентацимæ хуынд æрцыд нæ уацхæссæг Тъехты Элинæ, æмæ йын бакæсæм йæ сюжетмæ.

Афтæ, Заманхъулыл фыст зарæгæй райдыдта, Дзæуджыхъæуы централизацигонд библиотекæты иугонды цы мадзал сарæзтой, уый. Æмæ ацы зарæджы зæлтæ хуымæтæджы нæ азæлыдысты. Мадзал уыд, Заманхъулы историйыл цы чиныг сарæзтой, уый презентаци. Йæ сæргонд – «Арыхъхъ – Заманхъул». Бакуыстой йыл Таутиаты Минтæ æмæ Гасанты Валерий. Таутиаты Минтæ куыд зæгъы, афтæмæй йын æхсызгон у, Ирыстонмæ ахæм æвæрæн кæй бахаста, æмæ фæсивæдæн ахæм пайдайаг æрмæг кæй сæмбырд кодта, уый.

Таутиаты Минтæ куыд зæгъы, афтæмæй чиныгыл куыста 2 азы. Баиу дзы кодта йæхæдæг, æмæ йын адæм цы æрмæджытæ æрбахастой, уыдон. Æххуыс ын кодтой канд хъæуы цæрджытæ нæ, фæлæ Заманхъулæй æндæр горæттæм цы адæм ацыдысты, уыдон дæр. Чиныджы презентацимæ уæлдай æхсызгонæй æрбацыдысты Заманхъулы цæрджытæ. Сæ иу – Цæгат Ирыстоны æмæ Хуссар Ирыстоны адæмон артисткæ Хадыхъаты Аллæ.

Уæдæ Дзæуджыхъæуы централизацигонд библиотекæты иугонды директор дæр у Заманхъуйлаг. Куыд зæгъы, афтæмæй йын уæлдай æхсызгон у, чиныджы презентаци ацы библиотекæйы кæй ацыд, уый.

Дыууæ азы удуæлдай фæллой фæкодтой автортæ цымыдисаг хъæубæсты азфыстыл, цæмæй йын цыртдзæвæн саразой чиныджы хуызы. Уый сæ къухы бафтыд.

Адæймаг кæм цæры, уыцы хъæуы истори зонын у алкæйы хæс дæр. Ныр, ацы чиныгимæ Заманхъулы равзæрды æмæ йæ цæрджыты истори базонын уыдзæн æнцондæр.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania