филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

18:44 вторник, 17 марта 2026
13 февраля 2026, 10:33
Дзæуджыхъæуы центрон библиотекæйы арæзт æрцыд, Хозиты Яковы райгуырды 110 азы боны кадæн, мысæн изæр

Архайдтой дзы республикæйы Хицауады кусджытæ, фысджыты Цæдисы уæнгтæ, ирон литературæйы музейы æмæ интеллигенцийы минæвæрттæ

Дзæуджыхъæуы центрон библиотекæйы арæзт æрцыд, Хозиты Яковы райгуырды 110 азы боны кадæн, мысæн изæр. Архайдтой дзы республикæйы Хицауады кусджытæ, фысджыты Цæдисы уæнгтæ, ирон литературæйы музейы æмæ интеллигенцийы минæвæрттæ. Æрбахуыдтой йæм, Яков кæм цард, уыцы Кировыхъæуы цæрджытæ, ахуыргæнджытæ æмæ скъоладзаутæ. Поэт, публицист, тæлмацгæнæг, фысджыты Цæдисы уæнг. Хозиты Яков кæд  22 азы йеддæмæ нæ фæцард, уæддæр сси ирон литературæйы классик. Йæ курдиат равдыста алы литературон жанрты. Фыста æмдзæвгæтæ, аргъæуттæ, эпиграммæтæ, тæлмац кодта классикты уацмыстæ – бахаста стыр æвæрæн ирон литературæйы къæбицмæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania