Æхсæнадон кусджытæ, спортсментæ æмæ хицауады уæнгтæ фæсивæдæн радзырдтой, ацы зианхæссæг фæзындæй хи куыд бахъахъхъæнæн ис, уый тыххæй.
Дзæуджыхъæуы центрон библиотекæйы арæзт æрцыд наркотикты ныхмæ мадзал.
Æхсæнадон кусджытæ, спортсментæ æмæ хицауады уæнгтæ фæсивæдæн радзырдтой, ацы зианхæссæг фæзындæй хи куыд бахъахъхъæнæн ис, уый тыххæй. Фембæлд саразыныл бакуыстой хæрзаудæн фонд «Спасательный круг» æмæ Дзæуджыхъæуы Цæгат-Ныгуылæн зылды социалон хъахъхъæнынады хайад. Наркомани æнæниздзинадыл куыдæй ахады, уый тыххæй лæппутæн æмæ чызджытæн радзырдтой Парламенты депутат Уататы Зелимхан, æппæтадæмон змæлд Иры Стыр ныхасы сæрдары хæдивæг Еналдыты Хъазыбег, Уæрæсейы сгуыхт тренер уæгъдибар хъæбысхæстæй Багаты Вячеслав æмæ кик-боксингæй дыууæ хатты чемпион Айларты Тимур. Скъоладзаутæн ма дзырдтой, нæ республикæйы æмæ нæ бæстæйы фидæн уыдонæй аразгæ кæй у, уый. Уымæ гæсгæ хъуамæ æппынæдзухдæр тырной æнæниз цардыуагмæ.




