филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

06:14 вторник, 16 декабря 2025
02 августа 2024, 12:01
Дзæуджыхъæуы Центрон парчы арæзт æрцыд, горæты сæргълæууæджы Кубок рамбулыны 6-æм турнир нардæтæй

Сæйраг приз рамбулыныл архайдтой 40 нардисты

Дзæуджыхъæуы Центрон парчы арæзт æрцыд, горæты сæргълæууæджы Кубок рамбулыны 6-æм турнир нардæтæй. Сæйраг приз рамбулыныл архайдтой 40 нардисты. Се хсæн æппæтæй æвзонгдæр спортсмен – 7 аздзыд Скъиаты Къоста. Лæппу ныр афæдзы бæрц ахуыр кæны ацы аналитикон хъазты сусæгдзинæдтæ. Кубок æмæ æхцайы приз 15 мин сомы рамбылдта Семен Абрикосов. Дыккаг æмæ æртыккаг бынæтты аккаг систы Хъараты Виктор æмæ Хъайтыхъты Арсен. Турнир саразыныл бакуыстой Дзæуджыхъæуы  æмæ Хетæгкаты Къостайы номыл культурæйы æмæ фæлладуадзæн парчы администрацитæ. Куыд загътой, афтæмæй ацы ерыстæм æнхъæлмæ кастысты горæты дæсгай цæрджытæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania