Специалисттæ куыд зæгъынц, афтæмæй ахæм цаутæ арæх нæ вæййынц
Æхсызгон хабар Дзæуджыхъæуы центрон парчы. Доны хъазтæн уыцы иу рæстæг райгуырд 7 лæппыны. Специалисттæ куыд зæгъынц, афтæмæй ахæм цаутæ арæх нæ вæййынц. Чысыл цъиутыл цин кæнынц республикæйы цæрджытæ æмæ уазджытæ. Бæлвырддæр радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.
Доны хъазты лæппынтæ нырма дунеимæ нæ базонгæ сты, афтæмæй систы социалон хызты стъалытæ. Фæлæ чысыл цъиуты камерæтæ нæ тæрсын кæнынц, куыд адæм сæхæдæг дæр. Республикæйы цæрджытæ æмæ уазджытæ паркмæ æрбацæуынц, мæргътыл ацин кæнынмæ.
Ныртæккæ парчы ис 11 стыр æмæ 7 чысыл доны хъазы. Алы маргъмæ дæр ис сæрмагонд цæстдард. Ам æрмæст цъиуты æдасдзинадмæ нæ кæсынц. Æдзух сæ æфсадынц хæрзад хорæй æмæ æндæр хойрæгтæй.
Доны хъазтæн хæринаг дæтгæйæ хъæуы тынг лæмбынæг уæвын, зæгъынц орнитологтæ. Сæйрагдæр у мæргътæн хъæбæр дзул ма дæттын. Йæ бон у ахсæны ныддымсын æмæ мæлæтмæ расайын. Лæмбынæг уæвын хъæуы хъазты зæрдæйы ахастмæ дæр. Адæмимæ ныхас кæнынмæ алы хатт цæттæ нæ вæййынц.
Доны хъазтæ Цæгат Ирыстоны рагæй цæрынц. Сæхицæн хæдзарæн равзарынц цъымара æмæ доны бынæттæ. Былгæронмæ мæргътæ арæх нæ рацæуынц, æрмæст æхсæвиуат кæнынмæ.
Фæлæ алы маргъ дæр йæ æрдзон рæсугъддзинадæй æнæмæнг дисы æфтауы. Уый се сфæлдыстады равдыстой бирæ номдзыд нывгæнджытæ æмæ поэттæ.
