филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

04:53 понедельник, 15 декабря 2025
23 июля 2025, 11:52
Дзæуджыхъæуы центрон парчы фæзынд автоматтæ мæргътæн хойрагимæ

Хойрæгты ис сысджыйы, еуы æмæ мæнæуы хорты хæццæ

Дзæуджыхъæуы центрон парчы фæзынд автоматтæ мæргътæн хойрагимæ.  Сты цадтæм хæстæг. Хойрæгты ис сысджыйы, еуы æмæ мæнæуы хорты хæццæ. Хъæздыг сты витаминтæй æмæ минералтæй. Мæргътæн хойраджы порци балхæнын æнцон у банчы картæйы фæрцы. Аппараттыл ис терминалтæ.  Ацы хъуыддаг бацахсдзæн цалдæр секунды. Автоматтæ æвæрд æрцыдысты 2 дзæуджыхъæуккаг амалхъом адæймаджы хъæппæрисы фæрцы. Кæд æрæджы фæзындысты, уæддæр сæ горæты цæрджытæ æмæ уазджытæ парахатæй пайда кæнынц. Парчы ма фæнд кæнынц цалдæр ахæм автоматы сæвæрын.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania