филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

11:10 воскресенье, 15 марта 2026
13 марта 2026, 10:41
Дзæуджыхъæуы центрон парчы райдыдтой бирæуæладзыгон фæлладуадзæн зонæ аразын

Уыдзæн дзы тезгъогæнæн фæндæгтæ, стæй фонтан-æхсæрдзæн

Дзæуджыхъæуы центрон парчы райдыдтой бирæуæладзыгон фæлладуадзæн зонæ аразын. Уыдзæн дзы тезгъогæнæн фæндæгтæ, стæй фонтан-æхсæрдзæн. Проект уыдзæн тæккæ нырыккондæр. Бæстондæр хабæрттæ радзурдзæн Чехойты Фатимæ.

Хетæгкаты Къостайы номыл культурæйы æмæ фæлладуадзæн сæйраг парчы куыстытæ бацыдысты сæ тæмæны. Цы бирæуæладзыгон хæдзар райхæлдтой, уырдыгæй хъуысы тæхникæйы хъæр. Проектмæ гæсгæ ам уыдзæн фæлладуадзæн бынат фистæгæйцæуджытæн къахвæндæгтимæ, стæй цымыдисаг æхсæрдзæны хуызæн бирæхайон фонтан.

Æхсæрдзæны хуызæн ног фонтан суыдзæн территорийы сæйраг объект. Фæлладуадзæн бынаты дизайныл бакуыста æппæтадæмон архитектурон бюро. Самайдзысты фонтаны техникон ифтонггæрзтæн агъуыст. Хæрзæрæджы йын специалисттæ фесты арæзт йæ фыццаг æмвæзады цъар, у бетонæй конд.

Специалистты хъуыдымæ гæсгæ, ацы егъау арæзтад домы сæрмагонд фæлтæрдтæй æххæст уæвын. Подрядон куыстуат ахæм стыр проекттыл Уæрæсейы раздæр дæр куыста. Аразджытæ фæнд кæнынц æппæт куыстытæ ацы аз фæуын.

Цæрджытæн уарзон парк фæзынд 1930 азты райдиан. У Уæрæсейы хуссар хайы фæлладуадзæн бынæттæн сæ рагондæртæй иу.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania