24 марта 2022, 13:52
Дзæуджыхъæуы Центрон парчы рацарæзт дарддæр ахæццæ кæндзысты ацы аз
Ныртæккæ уал цадты алыварс ныссагътой къутæртæ
Дзæуджыхъæуы Центрон парчы рацарæзт дарддæр ахæццæ кæндзысты ацы аз. Ныртæккæ уал цадты алыварс ныссагътой къутæртæ. Уыдзæн сын куыд декоративон нысаниуæг, афтæ практикон дæр: зæгъæм, адæмы хъахъхъæндзысты донмæ хæстæг цæуынæй. Уымæй дарддæр рацараздзысты Сабырдзинады проспекты рдыгæй бацæуæнтæ, сцалцæг кæндзысты цадты сæрмæ балкъонтæ. Куыд зонæм, афтæмæй сты кæлæддзаг уавæры. Раздæр ресторан «Нар» кæм уыди, уым та нысан кæнынц декоративон ауындзгæ цæхæрадæттæ скæнын. Уыдзæн дзы бирæ алыхуызон аив æмæ рæсугъд зайæгойтæ.




