20 мая 2025, 10:42
Дзæуджыхъæуы уыд æппæтадæмон акци «Музейты æхсæв»
Арæзт фæцæуы дунейы алы бæстæты
Дзæуджыхъæуы уыд æппæтадæмон акци «Музейты æхсæв». Уый æххæстгæнгæйæ, театралон аивады музейы уазджытæ федтой Мæскуыйы нывгæнджыты Цæдисы уæнг Мамытты Дианæйы куыстыты равдыст. Экспозицийы – сюжетон нывтæ æмæ пейзажтæ. Национ музейы та арæзт æрцыдысты квесттæ хæстон-историон темæмæ гæсгæ. Архайджыты хъуыд дзуæппытæ радтын Кавказ суæгъд кæныны тохимæ, стæй хæцæнгæрзтимæ æмæ æфсæддон техникæимæ баст фæрстытæн. «Музейты æхсæв» у æрвылазон акци. Арæзт фæцæуы дунейы алы бæстæты. Музейтæ, галерейтæ æмæ культурæйы æндæр куыстуæттæ фæкусынц æнæхъæн æхсæв, бацæттæ кæнынц сæрмагонд программæтæ æмæ экскурситæ.
