филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

20:12 вторник, 16 декабря 2025
03 февраля 2020, 12:59
Дзæуджыхъæуы уыд æрдзон ресурсты æмæ экологийы министрады уæрæхгонд æмбырд

Мамиаты Чермен дзы сæрдариуæг кодта, афтæмæй

Дзæуджыхъæуы уыд æрдзон ресурсты æмæ экологийы министрады уæрæхгонд æмбырд, Мамиаты Чермен дзы сæрдариуæг кодта, афтæмæй. Æрдзырдтой ведомствæйы архайды фарстатыл, цы бантыст саразын æмæ цæуыл хъæуы бакусын. 2019-æм азы æргом здæхт цыд цалдæр ахсджиаг хъуыддагмæ. Сæ иу национ проект «Экологи»-йы архайд, бахастой йæм 4 федералон проекты. Бæрнонтæм хауы регионалон проеrт «Сыгъдæг бæстæ». Йæ фæлгæты куынæг кæнын райдыдтой Уналы æмæ Фыййагдоны донмарæнтæ. Æмбырды рæстæг министр Мамиаты Чермен бахынцта, кæд æмæ куыст цæуы, уæддæh регионы экологийы уавæр нырма у уæззау.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania