Ерыстæ цыдысты спорты галуан Манежы
Дзæуджыхъæуы уыд республикон чемпионат армхæстæй. Ерыстæ цыдысты спорты галуан Манежы. Архайдтой дзы, 17 азæй уæлæмæ кæуыл цæуы, ахæм лæппутæ æмæ чызджытæ. Æдæппæтæй 140 спортсмены. Се хсæн Хуссар Ирыстоны минæвæрттæ дæр. Турниры хатдзæгтæм гæсгæ æвзæрст цыдысты Уæрæсейы чемпионаты архайджытæ. Уыдзæн мартьийы райдиан, Перьмы. 18 уæзмæ гæсгæ уæлахиздзаутæ систы 36 спортсмены, уыдон хъахъхъæндзысты нæ республикйы кад Уæрæсейы чемпионаты. Армспорты федерацийы вице-президент Диамбекты Чермен куыд зæгъы, афтæмæй сæ ныфс дарынц, не спорсментæ раззагдæртæ кæй уыдзысты, уымæй. Уæ зæрдыл уын æрæлæууын кæндзыстæм, æрæджы Элистайы «Хæлардзинады кубок» рамбулыны æппæтуæрæсеон турнирæй нæ мзæххонтæ кæй сластой 18 майданы.




