Ерысты архайдтой йе *нæниздзинад хъыгдард кæмæн у, ахæм хæстонтæ
Дзæуджыхъæуы уыд Цæгат Ирыстоны сæргълæууæджы Кубок рамбулыны турниры финалон къæпхæн сæрмагонд æфсæддон операцийы ветеранты *хсæн. Ерысты архайдтой йе *нæниздзинад хъыгдард кæмæн у, ахæм хæстонтæ. Алкæмæндæр йæ бон уыд йæхи бавзарын 2 дисциплинæйы. Спортсментæ ерыс кодтой фат æмæ æрдынæй æхсынæй, пауэрлифтингæй, нардæтæй, дартсæй, шахмæттæй, шашкæтæй, мысан æхсынæй, кæрдтæ æппарынæй. Турниры сæйраг нысан у, спорты адаптивон хуызты райрæзт, сæрмагонд æфсæддон операцийы ветеранты æргом здахын паралимпаг змæлдмæ. Мадзал сарæзтой республикæйы физкультурæ æмæ спорты министрад, «Фыдыбæстæ Хъахъхъæнджыты» фонды филиал, Цæгат Ирыстоны астæуыстæг хъыгдард кæмæн у, уыцы спорстменты федераци.




