филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

00:56 воскресенье, 01 февраля 2026
10 декабря 2024, 11:31
Дзæуджыхъæуы уыд зындгонд фыссæг æмæ æхсæнадон архайæг Мамсыраты Дæбейы мысæн изæр

Уый ирд фæд ныууагъта ирон литературæйы

Дзæуджыхъæуы уыд зындгонд фыссæг æмæ æхсæнадон архайæг Мамсыраты Дæбейы мысæн изæр. Уый ирд фæд ныууагъта ирон литературæйы. Йæ уацмыстæ сты алыхуызон сæ тематикæ æмæ жанрмæ гæсгæ. Зынгæ бынат йе сфæлдыстады ахсынц радзырдтæ. Бирæты дзы æвдыст цæуынц уæды рæстæджы царды ахсджиагдæр фæзындтæ. Цымыдисаг радзырдтæ æмæ æмдзæвгæтæ ныффыста сывæллæттæн. Хицæн ныхасы аккаг та сты йæ романтæ. Фыссæджы мысæн изæры уыдысты æхсæнадон архайджытæ, Мамсыраты мыггаджы минæвæрттæ, йæ курдиатæн ын аргъ чи кæны, уыдон, студенттæ æмæ скъоладзаутæ. Мадзалмæ бацæттæ кодтой равдыст «Мамсыраты Дæбе – прозаик, поэт æмæ драматург». Мысæн изæр арæзт æрцыд сывæллæтты библиотекæйы. Ацы кусæнуат бирæ азты сæрыстырæй хæссы ирон литературæйы классикы ном.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania