филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

22:25 вторник, 17 марта 2026
07 ноября 2024, 10:37
Дзæуджыхъæуы уыдзæн Андиаты Сосланы номарæн æппæтуæрæсеон турнир уæгъдибар хъæбысхæстæй

Цæгат Ирыстонмæ ссæудзысты 200 спортсменæй фылдæр бæстæйы 20 субъектæй

8-æм æмæ 9-æм ноябры Дзæуджыхъæуы нацпроект «Демографи»-йы федералон проект «Спорт – царды нормæ»-мæ гæсгæ уыдзæн 2 хатты олимпаг чемпион Андиаты Сосланы номарæн æппæтуæрæсеон турнир уæгъдибар хъæбысхæстæй. Цæгат Ирыстонмæ ссæудзысты 200 спортсменæй фылдæр бæстæйы 20 субъектæй. 2 боны спорты галуан «Манеж»-ы ерыс кæндзысты хæрзиуджыты 10 комплекты рамбулыныл. Уæгъдибар хъæбысæй хæцджытæн ацы турнир сæрмагонд у. Андиаты Сослан у номдзыд богал, Цæгат Ирыстоны фыццаг олимпаг чемпион. 76-æм азы Олимпиадæйы йын гауызыл уыд 6 фембæлды. Цыппары дзы сыгъдæгæй рамбылдта, дыууæйы та – баллтæм гæсгæ. 2 олимпиадæйы *хсæн рæстæг Сослан æнтысджынæй фæхъæздыгдæр кодта йæ хæрзиуджыты коллекци. 80-йæм азы Мæскуыйы олимпаг гауызмæ ракодта Советон Цæдисы иугонд командæ уæгъдибар хъæбысхæстæй капитаны хуызы. Æмæ та уыд хуыздæртæй хуыздæр. 5 фембæлды – 5 уæлахизы.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania