Йæ нысаниуæг у æрыгон лæппутæ æмæ чызджытæм разамонæджы миниуджытæ раиртасын
Октябры райдиан Дзæуджыхъæуы уыдзæн фæсивæдон форум «Город». Йæ нысаниуæг у æрыгон лæппутæ æмæ чызджытæм разамонæджы миниуджытæ раиртасын. Кæцытæ фидæны суыдзысты горæты раззагдæр фæсивæд. Форумы архайдзæн 40 студенты. Йæ фæлгæты сараздзысты фембæлдтытæ зындгонд спортсментæ, æхсæнадон архайджытæ, культурæ æмæ дзыллон информацион фæрæзты минæвæрттимæ. Ахуырадон программæмæ хаст цæуынц тренингтæ нетворкингæй, командон куыст, бизнес-модель саразынæй. Йæ архайджытæ хъуыды кæндзысты æмæ хъахъхъæндзысты сæ проекттæ, кæцытæ царды рауаддзысты Дзæуджыхъæуы разамындимæ иумæ.Зæгъын хъæуы уый, æмæ «Город» фыццаг хатт арæзт кæй æрцыд æртæ азы размæ Æлбегаты Барисы хъæппæрисæй Цæгат Ирыстоны столицæйы фæсивæдон æхсæнады райрæзты нысаниуæгимæ.




