Фæлæ уавæр аивта, æрмæст республикæйы сæргълæууæг Сергей Меняйломæ комкоммæ куы фæсидтысты, уый фæстæ
Дзæуджыхъæуы Владикавказскийы уынджы 46-æм «А» хæдзары цæрджытæ бирæ рæстæг тыхстысты, сæ цæрæнуæтты хъарм кæй нæ уыд, уымæй. Уæлдай зындзинæдтæ æвзæрстой зымæгон. Сæ хъаст хастой алы ведомствæтæм. Фæлæ уавæр аивта, æрмæст республикæйы сæргълæууæг Сергей Меняйломæ комкоммæ куы фæсидтысты, уый фæстæ. Бæлвырддæр радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.
Дзæуджыхъæуы Владикавказскийы уынджы 46 а хæдзар уыд бирæазон арæзтад. 20 азы адæм æнхъæлмæ кастысты сæ цæрæнуæттæм, сидтысты алы ведомствæтæм æмæ кусæнуаттæм. Хæдзары æрцæрыны бар сын официалон æгъдауæй радтой, уыимæ зæрдæ бавæрдтой алцыдæр кæронмæ æххæстгонд кæй æрцæудзæн, уымæй. Бæстыхай арæзт уыд къуылымпыдзинæдтимæ, газæххæстгæнæн системæ кæронмæ конд нæ уыд, æлхъывдад нæ фаг кодта. Сæйраг хъармгæнæн системæйы бæсты сын бацамыдтой сæвæрын газы пецтæ, фæлæ ацы хъуыддаг дæр нывыл конд нæ уыд, уый фæстæ йæ уæвгæ дæр банымадтой тæссагыл æмæ йæ алыг кодтой. Адæмы агъуыстытæ хъарм кæнынæн æмæ дон тæвд кæнынæн хъуыд электрон тыхæй пайда кæнын. Уый та у зынгæ зынаргъдæр, стæй цæрджыты хъуыдымæ гæсгæ, æнæниздзинадæн дæр зиан хæссы.
Цы ныфсытæ сын æвæрдтой, уыдон азæй-азмæ æххæстгонд нæ цыдысты. Уавæр йæ бынатæй фезмæлыд, адæм сæ хъаст комкоммæ республикæйы сæргълæууæг Сергей Меняйломæ куы бахастой, уæд. Регионы разамонæджы хæслæвæрдмæ гæсгæ хъуыддаг йæхимæ райста цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады, артаджы æмæ энергетикæйы министр Хъараты Тимур. Фарста алыг кæныны архайдтой æппæт профилон службæтæ: доны республикон куыстуат, «Межрегионгаз» æмæ Дзæуджыхъæуы «Горгаз».
Бынаты уыцы иу рæстæг куыстой доны куыстуаты 4 бригады, æмæ ма уый бæрцæй газы куыстуаты специалисттæ дæр. Ныртæккæ хæдзар иу кæнынц сæйраг гадзуадзæн хæтæлтæм.
Æппæтæй риссагдæр фарстатæ гæнæн вæййы тагъд æмæ æххæстæй алыг кæнын. Ныр цæрджытæ уазæлттæй нал тæрсдзысты. Разæй адæммæ æнхъæлмæ кæсы æцæг хъарм æмæ æнæкъуылымпы зымæг.




