филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

18:54 воскресенье, 01 февраля 2026
14 декабря 2022, 12:20
Дзæуджыхъæуы заз бæлæсты базартæ райдыдтой кусын 10 декабрæй фæстæмæ

Байгом уал олимпаг парчы цур

Дзæуджыхъæуы заз бæлæсты базартæ райдыдтой  кусын 10 декабрæй фæстæмæ. Байгом уал олимпаг парчы цур. Ацы аз армукъатæ æрбынат кæндзысты Владикавказскийы уынджы, Фонтанты фæзы, Денджызон фистæгæфсæддонты уынджы, Мæскуыйаг уынджы, Калинины æмæ Хъесайы-фырты уынгты, Тамайы фырты уынджы, Фæсивæды галуаны раз æмæ Куйбышевы уынджы. Нæзы æмæ заз бæлæстæ, ногбонты аивгæнæнтæ балхæнæн уыдзæнис райсомы фараст сахатæй изæры иуæндæс сахатмæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania