филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

16:26 суббота, 31 января 2026
13 марта 2025, 10:34
Дзæуджыхъæуы зилынц цыртдзæвæнтæм æмæ зæрдылдарæн бынæттæм

Монументтæ æхсынц æмæ сæ ног кæнынц

Дзæуджыхъæуы зилынц цыртдзæвæнтæм æмæ зæрдылдарæн бынæттæм. Монументтæ æхсынц æмæ сæ ног кæнынц. Фыццаг уал саив кодтой Ирыстойнаг районы Ленины цыртдзæвæн, Театралон фæзы Къостайы, Семен Штыб æмæ Быгъуылты Дзæуджы монументтæ, Уæлахизы фæзы «Танк Т-34», «Адæмты Хæлардзинады монумент» Октябры 50 азы фæзы. «Спецэкосервис»-ы кусджытæ куыд загътой, афтæмæй кусынц нырыккон æрмæгæй, цæмæй цыртдзæвæнтæ ма хæлой. Хъарм рæстæг монументтæ ныссыгъдæг кæнынц мæй дыууæ хатты, зымæджы та, боныхъæд  куы фæамоны, уæд.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania