филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

09:12 суббота, 28 сентября 2024
14 декабря 2021, 11:26
Дзæуджыхъæуыл абалц кодта ног азы фыццаг трамвай

Аивгонд у бæрæгбоны цырæгътæй æмæ ахорæнтæй

Дзæуджыхъæуыл абалц кодта ног азы фыццаг трамвай. Аивгонд у бæрæгбоны цырæгътæй æмæ ахорæнтæй. Дзæуджыхъæуы Хетæгкаты Къостайы номыл сæйраг  паркмæ бацæуæны йæм  18 сахатыл æнхъæлмæ кастысты йæ фыццаг бæлццæттæ.  Ног азы бæрæгбон банкъарынæн та трамвайы вагоны бакæсæн ис бирæ фæлтæртæн уарзон кинонывтæм. Уыимæ ацаходын мандаринтæй æмæ хъарм цайæ. Дзæуджыхъæуы администрацийы минæвртты ныхæстæм гæсгæ, бæрæгбоны вагон балц кæндзæн æрвылбон изæры 18 сахатæй 31-æм декабры онг. Горæтыл кæндзæн дыууæ зылды. Зæгъын ма хъæуы уый дæр, æмæ ацы трамвайы балц лæвар кæй у, уый. Фæлæ эпидемиологон уавæр хынцгæйæ дзы бынæттæ бирæ нæй. Горæты культурæйы управленийы разамонæг Мæрзойты Русланы  ныхæстæм гæсгæ, ацы æрхъуыды адæмы зæрдæмæ фæндаг кæй ссардта, уымæй ма фæнд кæнынц дыккаг вагон дæр рауадзын фæндагмæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania