филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

08:58 понедельник, 15 декабря 2025
06 декабря 2024, 10:37
Дзæуыджыхъæуы байгом  Дунеон экономикон форум «Южные ворота России 2024»

Дыууæ боны  амалхъомады минæвæрттæ дзурынц базарадон-экономикон æмгуыстады æмæ дунеон туризмы райрæзты фарстатыл

Дзæуыджыхъæуы байгом  Дунеон экономикон форум «Южные ворота России 2024». Аразы йæ экспортæн æххуысы фонд. Форум баиу кодта Уæрæсейы, Белоруссийы республикæйæ, Сомихæй, Иранæй æмæ Туркæй амалхъом адæм. Архайджытæн арфæ ракодта Цæгат Ирыстоны хицауады сæрдар Дзанайты Барис. Дыууæ боны  амалхъомады минæвæрттæ дзурынц базарадон-экономикон æмгуыстады æмæ дунеон туризмы райрæзты фарстатыл. Форумы уымæй дарддæр равæрдтой, экспорты кæй æрвитдзысты, ахæм продукцийы армукъа. Уыдон сты, адæмон амалиуæгы куыстуæттæ кæй аразынц, уыцы товартæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania