филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

11:19 суббота, 28 сентября 2024
24 февраля 2021, 13:37
Дзагуырты Атарбеджы ном æнæзонгæ нæу Дыгуры районы цæрджытæн

Бирæ азты фæллой кодта алы æмвæзады бынæтты

Нæ республикæ хъæздыг у куырыхон, дзырддзæугæ лæгтæй. Сæ кад æмæ намыс фæзминаг у кæстæртæн. Нæ абоны равдысты  нæ фæнды ракæнын сæ иуы кой. Дзагуырты Атарбеджы ном æнæзонгæ нæу Дыгуры районы цæрджытæн. Бирæ азты  фæллой кодта алы æмвæзады бынæтты. Хицау уæвгæйæ, хæдивæг уæвгæйæ – никуы бауагъта йæхицæй ныллæгдæр искæйы суæвын. Алкæимæ  дæр дзырдта æмæ дзуры цæстуарзонæй. 

Бирæсывæллонджы бинонты хъомылгæнинаг Дзагуырты Хъасполаты фырт Атарбеджы цардвæндаджы хабæрттыл афæлгæсгæйæ, æмбæлы зæгъын –  йе 70 азыл  кæй сæмбæлд æхсæнадæн пайдайаг суæвгæйæ, бинонтæн ныфс ратгæйæ, æмбæлттæн уарзонæй.

Дыгуры районы нæ разындзæн, Дзагуырты Атарбеджы чи нæ зоны, ахæм. Цы бирæ æхсæнадон бынæтты фæкуыста, уым никæд никæйы зæрдæхудты бацыд. Алкæддæр йæ сæйраг хъуыды уыд – адæмы аккаг суæвын, фидæны фæлтæрты цæстытæм æргомæй кæсын йæ бон куыд уа, афтæ.

Атарбег кæд йæ раздæры цардæй разы у, уæддæр йæ ныхæстæм гæсгæ абоны хуызæн рæстæг никуы уыд. 

Мадта æ лимæндзинади имисуйнæгтæбæл дзоргæй ба кино исесун æнгъезуй. Æ цард хъæбæр гъæздуг æй алли хузи имисуйнгтæй, зæгъуй  æ лимæн Бердити Кермен.

Атарбег йæ юбилеймæ скодта йæ кæстæртæн лæвар. Сарæзта чиныг «Этапы моего пути». Бахаста йæм йæ цардвæндаджы цымыдисаг хабæрттæ.  Цæмæй сæ фидæны фæлтæртæ сæ зæрдыл бадарой.  Уыимæ ма йæ сфæлыста йæ царды алы рæстæджытæй ист хуызтæй.

Дыгуры районы «Стыр Ныхас»-ы куыст бæрæг дары, Атарбеджы зæрдиаг архайды фæрцы, зæгъы, Дыгуры районы сæргълæууæджы хæдивæг Таматы Зæлинæ.

Æвæццæгæн  алы адæймаг дæр йæ зæронды бонты фæбæллы тымыгъ , хъарм бинонты йæ рæстæг æрвитынмæ. Æмæ  уыцы Хуыцауы лæварæй фæхайджын  Дзагуырты Атарбег дæр.

Йæ алфамбылайы расугъддзинадыл архайджытæм бахæссæн ис Дыгуры районы «Стыр Ныхас»-ы сæрдар Дзагуырты Атарбеджы. Йæ сыгъдæг уды миниуджытæ та йын азтæ дæр нæ фендæр хуызон кодтой.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania