Бирæ азты фæллой кодта алы æмвæзады бынæтты
Нæ республикæ хъæздыг у куырыхон, дзырддзæугæ адæмтæй. Сæ кад æмæ намыс фæзминаг сты кæстæртæн. Нæ абоны равдысты нæ фæнды ракæнын сæ иуы кой. Дзагуырты Атарбеджы ном æнæзонгæ нæу Дыгуры районы цæрджытæн. Бирæ азты фæллой кодта алы æмвæзады бынæтты. Хицау уæвгæйæ, хæдивæг уæвгæйæ – никуы бауагъта йæхицæй ныллæгдæр искæйы суæвын. Алкæимæ дæр дзырдта æмæ дзуры цæстуарзонæй. Бæстондæр ын йæ царды хабæрттыл афæлгæст Сосранты Жаннæ.
Дыгуры районы нæ разындзæн, Дзагуырты Атарбеджы чи нæ зоны, ахæм. Цы бирæ æхсæнадон бынæтты фæкуыста, уым никæд никæйы зæрдæхудты бацыд. Алкæддæр йæ сæйраг хъуыды уыд – адæмы аккаг суæвын, фидæны фæлтæрты цæстытæм æргомæй кæсын йæ бон куыд уа, афтæ.
Атарбег кæд йæ раздæры цардæй разы у, уæддæр йæ ныхæстæм гæсгæ абоны хуызæн рæстæг никуы уыд.
Атарбег йæ юбилеймæ скодта йæ кæстæртæн лæвар. Сарæзта чиныг «Этапы моего пути». Бахаста йæм йæ цардвæндаджы цымыдисаг хабæрттæ. Цæмæй сæ фидæны фæлтæртæ сæ зæрдыл бадарой. Уыимæ ма йæ сфæлыста йæ царды алы рæстæджытæй ист хуызтæй.
Дыгуры районы «Стыр Ныхас»-ы куыст бæрæг дары, Атарбеджы зæрдиаг архайды фæрцы, зæгъы, Дыгуры районы сæргълæууæджы хæдивæг Таматы Зæлинæ.
Æвæццæгæн алы адæймаг дæр йæ зæронды бонты фæбæллы тымыгъ , хъарм бинонты йæ рæстæг æрвитынмæ. Æмæ уыцы Хуыцауы лæварæй фæхайджын Дзагуырты Атарбег дæр.
Йæ алфамбылайы расугъддзинадыл архайджытæм бахæссæн ис Дыгуры районы «Стыр Ныхас»-ы сæрдар Дзагуырты Атарбеджы. Йæ сыгъдæг уды миниуджытæ та йын азтæ дæр нæ фендæр хуызон кодтой.




