филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

18:10 воскресенье, 14 декабря 2025
25 ноября 2019, 12:47
Дзанайты Азанбеджы номыл культурæйы Фонд архайдзæн æппæтадæмон номарæн-историон экспедицийы «Этих дней не смолкнет слава»

Баст у Фыдыбæстæйы Стыр хæсты Уæлахизы 75 азы бонимæ.

Зындгонд æфсæддон разамонæг, инæлар Плиты Иссæйæн Улан-Баторы цыртдзæвæн саразыны хъæппæрисы автор, Дзанайты Азанбеджы номыл культурæйы Фонд архайдзæн æппæтадæмон номарæн-историон экспедицийы «Этих дней не смолкнет слава». Баст у Фыдыбæстæйы Стыр хæсты Уæлахизы 75 азы бонимæ. Монголийы егъау горæтты арæзт Æппæтадæмон экспедицийы программæйы уыдзæн плакатты æмæ нывты конкрус. Уым равдисын хъæудзæн Плиты Иссæ разамынд кæмæн лæвæрдта, уыцы бæхджын æфсæдты къорд, маршал Георгий Жуковы, æфсады инæлар Плиты Иссæйы æмæ  инæлар Лхаг Васурэны цыртдзæвæнтæм дидинджытæ куыд æвæрынц, уый. Экспедицийы архайджытæн равдисдзысты историон цаутыл дзурæг хуызистыты документтæ. Зæгъдзыстæм ма уый дæр, æмæ проект «Этих дней не смолкнет слава» арæзт у Дыккаг дунеон хæсты истори ивын ма бауадзыны тыххæй. Уыимæ ма се ппæты зæрдыл æрлæууын кæнын, советон паддзахад 1945-æм азы Квантуны æфсад ныппырх кæнынмæ цы æвæрæн бахаста, Советон Цæдисы æмæ Монголийы хæстонтæ япойнаг милитаристтæн 1936-45 азты цы ныхкъуырд радтой, уый дæр. 

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania