Аргъ кодтой, Президенты хæслæвæрдтæ æмæ паддзахадон программæтæ куыд æххæстгонд цæуынц, уымæн
Республикæйы Хицауады сæрдар Дзанайты Барис æмæ Президенты æххæстбарджын минæвары хæдивæг Цæгат Кавказы федералон зылды Максим Владимиров æрдзырдтой æххæстбарджын минæварады цæстдарæн мадзæлтты хатдзæгтыл. Аргъ кодтой, Президенты хæслæвæрдтæ æмæ паддзахадон программæтæ куыд æххæстгонд цæуынц, уымæн. Кусæг къорд бабæрæг кодта инфраструктурæйы объекттæ, бынаты базонгæ уавæримæ. Максим Владимиров арфæ ракодта республикæйы разамындæн ахадгæ æмгуыстады тыххæй. Премьер-министр куыд загъта, афтæмæй паддзахады Сæргълæууæджы хæслæвæрдтæ царды уадзыны фарстамæ йæ цæст дары республикæйы разамонæг Сергей Меняйло. Нæ субъекты ныртæккæ егъау куыстытæ цæуынц æнæниздзинадхъахъхъæнынады, ахуырады, культурæйы æмæ спорты объектты арæзтадыл. Регионы разамынды хæс у куыстытæ афоныл æмæ хæрзхъæдæй сæххæст кæнын. Зæрдæ дарæн ис, æмдыхæй нæ къухы стыр æнтыстдзинæдтæ кæй бафтдзæн, ууыл, загъта Хицауады сæрдар.




