филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

19:29 суббота, 31 января 2026
15 июня 2023, 11:44
Дзанайты Барис æмæ Уæрæсейы Президенты æххæстбарджын минæвары хæдивæг Цæгат Кавказы федералон зылды Максим Владимиров сарæзтой иумæйаг æмбырд

Æрныхас кодтой, нæ бæстæйы президенты уынаффæтæ куыд æххæстгонд цæуынц, ууыл

Хицауады Сæрдар Дзанайты Барис æмæ Уæрæсейы Президенты æххæстбарджын минæвары хæдивæг Цæгат Кавказы федералон зылды Максим Владимиров сарæзтой иумæйаг æмбырд, æмæ дзы æрныхас кодтой, нæ бæстæйы президенты уынаффæтæ куыд æххæстгонд цæуынц, ууыл. Æмбырды райдиан Дзанайты Барис бузныджы ныхæстæ загъта делегацийы номыл, нæ республикæйы социалон рæзты ахсджиаг фарстатыл кæй кусынц, уый тыххæй. Афтæ Цæгат Ирыстоны национ проекттæ æмæ паддазхадон программæтæ æххæст кæнынæн радих кодтой 33 миллиард сомы. Æдæппæтæй царды рауадздзысты социалон инфраструктурæйы 177 объекты. Алкæцыйæн дæр ныридæгæн конд æрцыдысты контракттæ, æмæ куыст райдыдта, – загъта Хицауады Сæрдар. Бæрнон кусджытæ уæлдай æргом аздæхтой, Цæгат Ирыстоны хъæуккаг территориты комплексон рæзты паддзахадон программæ куыд æххæст кæнынц, уымæ. Бæстон доклад скодта хъæууон хæдзарады министр Къусраты Алан.  Сæрмагонд программæ æххæст кæнынæнæн радих кодтой 2 миллиарды æмæ 700 милуан сомы. Уыдоны фæрцы хъæуты базылдысты ахуырады, культурæйы, спорты, аивдзинады, цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады æмæ фæндаггон инфраструктурæйы 242 объектмæ. Активонæй æххæст кодтой цæрæнуæттæ дæттыны хъуыддаг дæр. Цæрæнуæттæ аразыны фæрцы та Цæгат Ирыстоны цалдæр районы арæзт æрцыдысты ног хæдзæрттæ. Æмбырды ма ныхас цыд национ проект «Экологи»-йыл. Ныртæккæ нæ регионы куынæг кæнынц Беслæны, Дигорайы, Алагиры æмæ Æрыдоны бырондæттæ. Хицæн ныхас ма цыд зынгсирвæзтыты ныхмæ мадзæлттыл.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania