филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

15:40 суббота, 04 мая 2024
13 июля 2022, 11:56
Дзанайты Барис æвзæрстыты иумæйаг боныл æрныхас кодта Александр Бродимæ

Сæ фембæлды ма архайдта Цæгат Ирыстоны Центрон æвзарæн къамисы сæрдар Моргуаты Жаннæ

Дзанайты Барис æвзæрстыты иумæйаг боныл æрныхас кодта Александр Бродимæ. Сæ фембæлды ма архайдта Цæгат Ирыстоны Центрон æвзарæн къамисы сæрдар Моргуаты Жаннæ. Хæдбар æхсæнадон цæстдарды Ассоциацийы сæрдар, Уæрæсейы Президенты цур граждайнаг æхсæнады рæзты æмæ адæймаджы барты Советы уæнг Александр Брод уæзагуаты ис нæ республикæйы. Хицауады Сæрдар куыд загъта, афтæмæй сæ Ассоциаци кæны хъæугæ æмæ ахадгæ куыст, цæмæй æвзырстытæ цæуой, куыд æмбæлы, афтæ. Дзанайты Барисы хъуыдымæ гæсгæ, сæйрагдæр хæстæм хауы – хъæлæс кæныны процесс закъоны бындурыл аразын. Уыимæ æвзарджыты бартæ хъахъхъæнын. Ацы къабазы иумæйаг куыст та фадат дæтты æвзарæн процесс хуыздæр кæнынæн. Александр Брод та фехъусын кодта Ассоциацийы сæйраг хæстæ æмæ нысантæ. Уыдонмæ хауынц экспертты æмæ цæстдарджыты æнгом æмархайд. Федералон бæрнон кусæг ма куыд загъта, афтæмæй Цæгат Ирыстоны æвзæрстытæ кæддæриддæр фæцæуынц, ерысхъомдзинады домæнтæм гæсгæ. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, 11-æм сентябры, хъæлæс кæныны Иумæйаг бон нæ республикæйы æвзардзысты 7-æм æмбырды Парламенты депутатты, стæй бынæттон хиуынаффæйады оргæнты минæвæртты.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania