филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

16:18 воскресенье, 14 декабря 2025
30 октября 2025, 10:33
Дзанайты Барис архайдта, æппæт сезонты кусæг туристон-рекреацион комплекс «Мамысон»-ы рæзты фарстаты фæдыл æмбырды

Разамынд ын лæвæрдта Уæрæсейы экономикон рæзты министры хæдивæг Сергей Назаров

Республикæйы Хицауады сæрдар Дзанайты Барис архайдта, æппæт сезонты кусæг туристон-рекреацион комплекс «Мамысон»-ы рæзты фарстаты фæдыл æмбырды. Разамынд ын лæвæрдта Уæрæсейы экономикон рæзты министры хæдивæг Сергей Назаров. Куыд загъта, афтæмæй ног зымæгон сезон «Мамисон»-ы хъуамæ ацæуа, æххæст фæткæй. Уымæ гæсгæ хæстæгдæр мæймæ фыццаградон хæс у – хицæн экономикон зонæйы цы объекттæ ис, уыдон газæй сифтонг кæныныл бакусын. Премьер-министр куыд загъта, афтæмæй ныридæгæн объектты æххæстæй фесты арæзтадон-монтажгæнæн куыстытæ, поселокты хсæн газуадзæн сæвæрæны тыххæй. Цæуы Зæрæмæджы станцæйæ Мамысоны уылты Зæрæмæджы хъæуы онг. Объекты дæргъ у 14 километрæй фылдæр.

 

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania