Иннæ азы 1-æм январæй фæстæмæ цæрджытæ æмæ бизнесæн сæ бон уыдзæни регионалон æмвæзадыл цæстдарæн ведомствæты хатдзæгты тыххæй тæрхондонмæ хъаст бахæссын
Иннæ азы 1-æм январæй фæстæмæ цæрджытæ æмæ бизнесæн сæ бон уыдзæни регионалон æмвæзадыл цæстдарæн ведомствæты хатдзæгты тыххæй тæрхондонмæ хъаст бахæссын. Уый тыххæй фаг уыдзæни паддзахадон порталмæ бацæуын. Ууыл ныхас цыди, хицауады сæрдар Дзанайты Барис кæм архайдта, уыцы æмбырды. Разамынд ын лæвæрдта, Хицауады сæрдары хæдивæг – аппараты разамонæг Дмитрий Григоренко. Ныртæккæ бахъаст кæнæн ис æрмæстдæр тæрхондонмæ, æмæ йын рæстæг бахъæудзæн цалдæр мæйы. Ног азæй та уыцы мгъуыд фæкъаддæр уыдзæни 20 боны онг. Ныридæгæн бацæттæ кодтой нымæцон тыгъдад, лыггæнинаг фарстатыл кусыны тыххæй. Тæрхондоны размæ системæмæ хаст æрцыдысты республикæйы хицаудзинады 14 оргæны.




