18 апреля 2025, 10:34
Дзанайты Барис архайдта Хицауадон къамисы æмбырды Цæгат Кавказы федералон зылды социалон-экономикон фрастаты фæдыл
Æмбырд амыдта Уæрæсейы экономикон рæзты министры хæдивæг Сергей Назаров
Хицауады сæрдар Дзанайты Барис архайдта Хицауадон къамисы æмбырды Цæгат Кавказы федералон зылды социалон-экономикон фрастаты фæдыл. Æмбырд амыдта Уæрæсейы экономикон рæзты министры хæдивæг Сергей Назаров. Ныхас цыд товарты æмæ лæггæдты электрон хуызы фиддонтыл. Бæлвырддæр та – регионты хъæуы ацы фарстайыл ахадгæдæр кусын. Дзанайты Барис куды загъта, афтæмæй Цæгат Ирыстоны уæлдай æргом здæхт цæуы ацы хъуыддагмæ.




