9 аздзыд Аланæйæн æмæ 10 аздзыд Романæн балæвар кодта велосипедтæ
РЦИ-А хицауады сæрдар Дзанайты Барис «Бæллицты заз бæлас»-ы фæлгæты сæххæст кодта 5 сывæллоны бæллицтæ. 9 аздзыд Аланæйæн æмæ 10 аздзыд Романæн балæвар кодта велосипедтæ.Йæ курдиат сæххæст 8 аздзыд Динилæн дæр. Ног азмæ йæ лæварæн хъуыди, пультæй чи кусы, ахæм машинæ. Фыссæнгарзимæ планшетмæ бæллыд 8 аздзыд Аринæ. Дзанайты Барис заз бæласæй райста 9 аздзыд Мараты шар дæр. Уымæн та балæвар кодта батут. Уымæй уæлдай, Ног азы æппæтуæрæсеон хæрзаудæн акцийы чи архайдта, уыдоны хотæ æмæ æфсымæртæ дæр райстой адджын лæвæрттæ. Дзанайты Барис сын арфæ ракодта. Ног азы къæсæрыл сын йæ зæрдæ загъта æнæниздзинад, æнтыстдзинæдтæ, цæмæй алы сабийæн дæр æнæмæнг сæххæст уой йæ зæрдæйы арф хъуыдытæ æмæ бæллицтæ. Нæ республикæйы алы сывæллон дæр амонджын уæд, загъта Дзанайты Барис. Уæ зæрдыл уын æй лæууын кæнæм, «Бæллицты заз бæлас» арæзт цæуы 2018-æм азæй нырмæ Уæрæсейы Президент Владимир Путины хъæппæрисæй. 7 азмæ æппæт бæстæйы сæххæст 3 сæдæ бæллицы. Акцийы архайынц, йе нæниздзинад хъыгдард кæмæн у, ахæм сывæллæттæ, сидзæртæ, стæй фæкæсынхъуаг бинонты сабитæ, æфсæддонтæ, стæй Уæрæсейы ног территориты цæрджыты кæстæртæ. Архайджыты кар – 3 азæй 7 азы онг.




