филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

13:47 пятница, 17 мая 2024
16 февраля 2022, 11:28
Дзанайты Барис Дзæуджыхъæуы бабæрæг кодта культурæйы 2 объекты

Хицауады сæрдар æркасти æмæ аргъ скодта

Дзанайты Барис Дзæуджыхъæуы бабæрæг кодта культурæйы 2 объекты. Хицауады сæрдар æркасти æмæ аргъ скодта, Хетæгкаты Къостайы номыл ирон литературæйы музейы куыстытæ куыд цæуынц, уымæн. Мидæгæйы дзы цалцæггæнæн куыстытæ скодтой 2014-æм азы, фæлæ, куыд уынæм, афтæмæй фæстæмæ æдзæллаг уавæрмæ æрцыдис. Реставрацион компанийымæ фыст æрцыди бадзырд, бæстыхайы æддаг бакаст реставраци скæныны тыххæй. Уымæй уæлдай, бæстыхай хъуамæ бацæттæ кæной, Аланийыл саргъуыды 1100 азы боны кадæн экспозици равæрынмæ. Уый та ууыл дзурæг у, æмæ дзы мидæгæй агъуыстытæ хъæуы сног кæнын. Бацæттæ сын кæндзысты ног сметæ. Базилдзысты хъармгæнæн æмæ вентиляцион системæтæм дæр.

Премьер бабæрæг кодта традицион культурон æмæ этнотуризмы центр «Фарн» дæр. Цалцæггæнæн куыстытæ дзы уыди фарон. Бындуронæй базылдысты 1-æм уæладзыгмæ, уым фæцæуынц адæмон инструментты оркестры репетицитæ. Хицæнæй æрныхас кодтой, ирон национ симфонион оркестрæн бындур сæвæрыныл дæр. Паддзахадон филармонийы директор æмæ аивадон разамонæг Махъоты Ацæмæз куыд загъта, афтæмæй сæ хъæуы, артисттæ сæ курдиат кæм æвдисдзысты, ахæм зал дæр.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania