филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

05:36 пятница, 17 мая 2024
13 октября 2022, 11:37
Дзанайты Барис фембæлд республикæйы цæрджытимæ

Æрбацыдысты йæм алыхуызон фарстатимæ, уыдонæй иу – медицинон препараттæй ифтонгдзинад

УФ-йы президенты æхсæнадон исæнуаты Дзанайты Барис фембæлд республикæйы цæрджытимæ. Æрбацыдысты йæм алыхуызон фарстатимæ. Уыдонæй иу – медицинон препараттæй ифтонгдзинад. Уымæй уæлдай ма æрдзырдтой æнæхæдзар куыйты фарстайыл дæр. Дзæуджыхъæуы бынæттон администрацийы сæргълæууæг Милдзыхты Вячеслав куыд загъта, афтæмæй закъонмæ гæсгæ цæрæгойты ис æрцахсын, базилын сæм, вакцинаци æмæ сын сæрмагонд чиптæ скæнын. Уый фæстæ та сæ фæстæмæ æддæмæ ауадзын. Уыцы процедурæтæ кæнынæн иу мæйæ фылдæр нæ бахъæуы. Зæгъын ма хъæуы уый дæр, æмæ ног питомник саразынæн рахай кодтой 36 милуан сомы, уымæн æмæ зæронды бынæттæ нал уыд. Уыцы фарстайыл ныр архайынц. Æрыдоны цæрæг куырдта сцалцæг кæнын СлободскАяйы уынджы сывæллæтты спортивон фæз. Куыд загътой, афтæмæй дизайн–проект цæттæ у. Сылгоймагæн зæрдæ бавæрдтой, объект эксплуатацийы иннæ аз августы кæй ратдзысты, уымæй. Хицæнæй æркастысты Республикæйы куырмыты æхсæнады сæрдар Гæтциты Батразы курдиатмæ. У ма Дзæуджыхъæуы æхсæнадон куыстуаты директор. Кусынц дзы, се нæниздзинад хъыгдард кæмæн у, уыцы адæмимæ. Нырмæ дзы кодтой дзаумæттæ ауындзæнтæ, стæй æндæр кусæнгæрзтæ, фæлæ фæрæзтæ кæй нæ фаг кæнынц, уый тыххæй кусджытæн мызд бафидын сæ бон нал уыд. Республикæйы экономикон райрæзты министр Кучиты Зауыр куыд загъта, афтæмæй организаци хауы социалон куыстуæттæм. Уымæ гæсгæ программæйы фæлгæты сæ бон зæрдæ дарын у грантыл 300 мин 500 мин сомы онг. Цæмæй гранты бацархайой, уый тыххæй сын гæххæттытæ æрымбырд кæнынмæ фæкæсдзысты.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania