филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

08:18 воскресенье, 01 февраля 2026
06 декабря 2021, 12:23
Дзанайты Барис кусæг балцы уыд Дыгуры районы

Хицауады сæрдар федта, социалон нысаниуæг кæмæн ис, ахæм объектты арæзтад æмæ рацарæзт куыд цæуы, уый

Дзанайты Барис кусæг балцы уыд Дыгуры районы. Хицауады сæрдар федта, социалон нысаниуæг кæмæн ис, ахæм объектты арæзтад æмæ рацарæзт куыд цæуы, уый. Премьер-министр бабæрæг кодта ахуырадон æмæ медицинон куыстуæттæ, аныхас кодта фермертимæ дæр. Районы разамындимæ та бæстон æрныхас кодта муниципалон сконды риссагдæр фарстатыл. Темæйыл дарддæр радзурдзæн Гуытъиаты Алинæ.

Интернат «Надеждæйы» хъомылгæнджытæ зарæгæй сæмбæлдысты Дзанайты Барисыл. Хицауады Сæрдар дæр семæ зæрдиагæй азарыд — куыд радзырдта, афтæмæй сабийæ йæхæдæр архайдта хоры. Дарддæр та уазджытæ æрзылдысты интернатыл, федтой хуыссæн агъуыстытæ, ахуыргæнæн кълæстæ, хъæдгуыстгæнæн æрмадзтæ. Сывæллæттæ Хицауады Сæрдарæн балæвар кодтой сæхи сконд хъæдæй дзаума. Дзанайты Барис куыд бафиппайдта, афтæмæй бæстыхай у зæронд æмæ йæ хъæуы сцалцæг кæнын. Йемæ сразы сты интернаты ахуыргæнджыиæ дæр.

Дзанайты Барис профилон министрадæн бабар кодта, цæмæй уыцы фарста алыг кæной. Хицауады Сæрдар бабæрæг кодта Дигорайы хъæууонхæдзарадон кооператив. Сарæзтой йæ, мæгуырдзинадимæ тохы программæйы чи архайдта, уыцы фермертæ. Цы æхцатæ райстой, уыдонæй балхæдтой аст стуры. Ныртæккæ уыцы хæдзарады ис дыууын фондз дуцгæ хъуджы æмæ аст рæуæды. Ис сæм хи уазалгæнæн æмæ æхсырласæн фæрæз. Сæ продукци ласынц бынæттон æхсырыкуыстгæнæн цехмæ. Сæрдыгон æхсыр суткæмæ æрæмбырд кæнынц цыппарсæдæ литры, ныртæккæ та æрмæстдæр дыууæсæдæ. Премьер-министр разыйæ баззад куыстуаты архайдæй æмæ загъта, цæмæй цæрджыты æхсæн дарддæр кæной амонæн куыст фарсхæцты мадзæлтты тыххæй. Уый фæрцы рæздзысты чысыл æмæ астæуккаг амалхъомад.

Дигорайы Дзанайты Барис федта районы рынчындоны сывæллæтты поликлиникæйы хайад. Апрелы райдыдта бæстыхайы бындурон цалцæг. Куыстытæ цыдысты æнæниздзинадхъахъхъæнынады программæ æххæсткæнгæйæ. Ныртæккæ рацарæзт кæронмæ æрхæццæ кæны. Объект хъуамæ радтой декабры астæумæ, фæлæ гæнæн ис, æмæ аразджытæ иу чысыл байрæджы кæной. Куыд бамбарын кодтой, афтæмæй дарддæр аив кæндзысты алыварс территори.

Республикæйы ацы аз цы аст сывæллæтты рæвдауæндоны аразынц, уыдонæй иу ис Хъарман-Сындзыхъæуы. Куыстытæ цæуынц национ проект «Демографийы» фæрцы. Рæвдауæндоны уыдзæнис сæдæ дыууын бынаты æмæ хъуамæ сцæттæ уыдаид ацы азы кæронмæ. Фæлæ аразджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй уæдмæ сæххæст кæндзысты æрмæстдæр куыстыты нæуæдз проценты.

Дыгуры районы администрацийы цы æмбырд сарæзтой, уым Дзанайты Барис дзырдта муниципалитеты риссагдæр фарстатыл. Администрацийы разамонæг Цагаты Сослан куыд загъта, афтæмæй сæйрагдæр нысан у Дигорайы доныхызты рацарæзт. Уыдонæн сæ æстай проценты сты ихсыд. Ныртæккæ уал сцæттæ ис рацарæзты пълан. Бындурон цалцæг домы Хъарман-Сындзыхъæуы культурæйы хæдзар дæр. Мустыздæхы та хъæуы ног клуб саразын. Арæзтад æмæ архитектурæйы министры хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Моргуаты Константин куыд загъта, афтæмæй иннæ азы нысантæм уыцы арæзтæдтæ хаст не рцыдысты. Фæлæ иннæ аз Дигорайы дыууæ скъолайы æрцæудзысты бындурон цалцæг. Базилинаг у Дур-Дуры скъола дæр. Ныридæгæн уал сцæттæ ис объекты сметæ. Районы администрацийы куыд загътой, афтæмæй саив кæнын хъæуы рынчындоны алыварс дæр.

Хицауады Сæрдар куыд загъта, афтæмæй республикæ цæттæ у районæн дарддæр æххуыс кæнын. Уый тыххæй та хъуамæ муниципалитет равдиса, йæ риссаг фарстатæ алыг кæныныл йæхæдæг дæр кæй архайы, уый. Ног азы хъуамæ район курдиæттæ бадæтта æппæт паддзахадон программæты архайынмæ. Дзанайты Барисы хъуыдымæ гæсгæ, бацархайын хъæуы, цæмæй цæрджыты цæрыны уавæртæ бонæй бон хуыздæр кæной.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania