филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

19:38 суббота, 24 мая 2025
28 сентября 2023, 11:19
Дзанайты Барис, министртæ æмæ комитетты сæрдартæ кусæг балцы уыдысты Рахизфарсы районы

Базонгæ сты социалон объектты арæзтадимæ

Хицауады сæрдар Дзанайты Барис, министртæ æмæ комитетты сæрдартæ кусæг балцы уыдысты Рахизфарсы районы. Базонгæ сты социалон объектты арæзтадимæ. Ахсджиагдæр фарстатыл æрныхас кодтой уый фæстæ цы æмбырд сарæзтой, уым.  Бæлвырддæр хабæрттæ радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.

Беслæны доны былгæрæттæ бындуронæй фидар кæнын фарон райдыдтой. Пъланмæ гæсгæ куыстытæ хъуамæ иннæ аз мартъийы фæуыдаиккой. Хицауады рацæугæ æмбырды рæстæг æрдзон æвæрæнты æмæ экологийы министр Бæзаты Вадим федта, куыстытæ кæм æххæстгонд цæуынц, уыцы хай.

24 бинонты кæлæддзаг цæрæнуæттæй раивдзысты ногтæм. Ацы къорды адæмæн бирæфатерон хæдзар куыд аразынц, уый федта Таматы Майрæн. Министр сбæлвырд кодта, куыстытæ пъланмæ гæсгæ кæй цæуынц, уый.

Рахизфарсы районы ахадгæйæ æххæстгонд цæуынц йæ инвестицион гæнæнтæ. Раззагдæр проекттæй иу у холлагцæттæгæнæн завод. Экономикон рæзты министр Кучиты Зауыр базонгæ куыстуаты архайдимæ.

Хицауады сæрдар Дзанайты Барис бабæрæг кодта, Беслæны райрæзты генералон пъланмæ цы объекттæ хауынц, уыдон. Аргъ скодта, культурæйы хæдзар «Фæсивæды галуан»-ы рацарæзтæн. Аразджытæн загъта йæ фиппаинæгтæ. Реконструкцигонд цæуы поликлиникæ дæр. Районы ма аразынц тагъд æххуысы дæлстанцæ дæр.

Хицауады уæнгтæ бабæрæг кодтой культурæйы æмæ фæлладуадзæн парк дæр. Объекты арæзтад къухы бафтыд федералон конкурсы уæлахизы фæрцы. Беслæны аразынц скъола дæр. Бынат дзы уыдзæн 550 сывæллонæн. Премьер федта объект ахуырады æмæ наукæйы министримæ.

Рацæугæ æмбырды Хицауады уæнгтæ æрныхас кодтой ахсджиаг фарстатыл. Темæтæй иу – сидзæр-сывæллæтты цæрæнуæттæй æххæст кæнын. Ацы азæй фатертæй фæстæмæ ма райдыдтой сертификаттæ дæттын. 2022-æм æмæ 23-æм азты уымæн радих кодтой 350 милуан сомæй фылдæр. Уыцы фæрæзтæй балхæндзысты 160 фатеры. Ныхас ма цыд æнæзакъон бырондæттыл дæр. Дзанайты Барис фæсидт бæрнон ведомствæтæм, ацы фарстамæ лæмбынæг цæст дарын.

Фарон æмæ ацы аз Рахизфарсы районы райрæзтæн финансты иумæйаг бæрц сси 9 миллиард сомæй фылдæр. фæрæзтæ хардзгонд цæуынц инфтраструктурæйы райрæзтыл, стæй адæмæн социалон æххуыс кæныныл.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania