30 декабря 2022, 11:16
Дзанайты Барис Ног азы бæрæгбоны фæдыл раарфæ кодта социалон реабилитацийы центр «Хæлар зæрдæ»-йы хъомылгæнинæгтæн
Алы сывæллон дæр райста адджинæгты дзæкъул æмæ арфæйы фыстæг
Дзанайты Барис Ног азы бæрæгбоны фæдыл раарфæ кодта социалон реабилитацийы центр «Хæлар зæрдæ»-йы хъомылгæнинæгтæн. Алы сывæллон дæр райста адджинæгты дзæкъул æмæ арфæйы фыстæг. Центрæн та йæхицæн балæвар кодтой музыкалон системæ. Лæппут æмæ чызджытæ уазджытæн бацæттæ кодтой театрализацигонд равдыст, уарзон аргъæутты мотивтæм гæсгæ. Премьер ма бузныджы ныхæстæ загъта педагогтæн, сæ ахадгæ куысты тыххæй.
Гæбуты Луизæ, æнахъом сывæллæтты социалон реабилитацийы центр «Хæлар зæрдæ»-йы директор: «Стыр бузныг зæгъын абоны уазджытæн. Барæвдыдтой нæ сывæллæтты. Сывæллæттæ тынг зæрдиагæй æнхъæлмæ кастысты ацы бæрæгбонмæ. Сæ бæрæгбон тынг рæсугъд рауади».
темæмæ гæсгæ




