филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

17:58 суббота, 31 января 2026
27 июля 2023, 11:57
Дзанайты Барис разамынд лæвæрдта, санкциты рæстæг республикæйы райрæзты мадзæлттыл кусæг оперативон штабы æмбырдæн

Йæ архайджытæ æрныхас кодтой, товартæй æмæ лæггæдтæй чи æххæст кæндзæн, ахæм подрядон организацийы фарстатыл

Хицауады сæрдар Дзанайты Барис разамынд лæвæрдта, санкциты рæстæг республикæйы райрæзты мадзæлттыл кусæг оперативон штабы æмбырдæн. Йæ архайджытæ æрныхас кодтой, товартæй æмæ лæггæдтæй чи æххæст кæндзæн, ахæм подрядон организацийы фарстатыл. Сæйрагдæр ныхас цыди, цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады, æнæниздзинадхъахъхъæнынады, хъæууон хæдзарады министрадты æмæ Дзæуджыхъæуы администрацийы къабæзтимæ баст объектты бындурон цалцæгыл æмæ реконструкцийыл. Мадзæлттæ æххæстгонд цæудзысты национ проекттæ æмæ паддзахадон программæтæ æххæстгæнгæйæ. Дзанайты Барис йе ргом аздæхта куыстытæ афоныл сæххæст кæныны хæс кæуыл æвæрд ис, уыцы подрядон организациты куыстмæ. Зæгъын хъæуы уый, æмæ республикæйы ацы аз арæзт æмæ цалцæггонд цæуынц 200 социалон объекты. Уыдоны скъолатæ, рынчындæттæ, сывæллæтты рæвдауæндæттæ, цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады системæ, фæндæгтæ. Се ппæт объекттæ дæр хъуамæ эксплуатацийы радтой бæлвырд фæткмæ гæсгæ. Бæстонæй æркастысты, национ проектты æмæ паддзахадон программæты фæлгæты цы мадзæлттæ æххæстгонд цæуынц, уыдонмæ. Ацы азæн сын дихгонд æрцыди 13 миллиард сомы æмæ рдæг, загъта премьер.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania