филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

08:56 понедельник, 15 декабря 2025
02 августа 2025, 10:33
Дзанайты Барис сарæзта кусæг æмбырд экономикон рæзты министрады æмæ йæ дæлбар кусæнуатты архайды фарстаты фæдыл

Ныхас цыд, экономикон райрæзты ныры проекттыл, чысыл æмæ астæуккаг бизнесæн æххуысы мадзæлттыл, федералон оргæнтимæ æмархайдыл

Цæгат Ирыстоны Хицауады сæрдар Дзанайты Барис сарæзта кусæг æмбырд экономикон рæзты министрады æмæ йæ дæлбар кусæнуатты архайды фарстаты фæдыл. Ныхас цыд, экономикон райрæзты ныры проекттыл, чысыл æмæ астæуккаг бизнесæн æххуысы мадзæлттыл, федералон оргæнтимæ æмархайдыл. Æркастысты ма экспорты æмæ инвестициты фарстатæм. Дзанайты Барис куыд загъта, афтæмæй экономикон рæзты министрад паддзахадон хицаудзинады оргæнты системæйы у ахсджиагдæр ведомтсвæ. Йæ сæйрагдæр хæстæй иу у – регионы æнтыстджын райрæзт сæххæст кæнын. Мадзалы архайджытæ æркастысты туризмы фарстатæм дæр. Премьер бахæс кодта ацы къабазы куыст фæтыхджындæр кæнын. Куыд загъта, афтæмæй республикæйы цæрджытæн æмæ уазджытæн сæ фæллад уадзынæн хъуамæ уа æмбæлгæ уавæртæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania