Амыдта йæ Уæрæсейы граждайнаг хъахъхъæнынады æмæ æнæнхъæлæджы уавæрты министр Александр Куренков
Хицауады сæрдар Дзанайты Барис видеоконференцийы хуызы архайдта, æнæнхъæлæджы уавæртæ не руадзыны къамисы æмбырды. Амыдта йæ Уæрæсейы граждайнаг хъахъхъæнынады æмæ æнæнхъæлæджы уавæрты министр Александр Куренков. Бæстон ныхас цыд Уæрæсейы алы субъектты цæрджыты æмæ территоритæ миты зæйтæй бахъахъхъæныныл. Йæ доклады Дзанайты Барис куыд загъта, афтæмæй нæ республикæйы арæзт цæуынц бæлвырд мадзæлттæ, хæххон районты зæйтæ æрцæуынæй бахъахъхъæныны тыххæй. Уæлдай æргом здæхт цæуы Транскаммæ. У, Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсе чи бæтты, ахæм иунæг фæндаг. Хицауады Сæрдар ма бафиппайдта, зымæджы сæйрагдæр хæстæм кæй хауы – цæрджыты æмæ инфраструктурæйы объекттæ миты зæйтæй бахизын.




