филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

11:06 воскресенье, 01 февраля 2026
07 июня 2023, 12:24
Дзанайты Барис видеоконференцийы хуызы архайдта сæрмагонд æмбырды

Амыдта йæ Уæрæсейы арæзтады æмæ цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады министры фыццаг хæдивæг Александр Ломакин

Дзанайты Барис видеоконференцийы хуызы архайдта сæрмагонд æмбырды. Амыдта йæ Уæрæсейы арæзтады æмæ цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады министры фыццаг хæдивæг Александр Ломакин. Боны фæткмæ рахастой нæ бæстæйы субъектты курдиæттæ –  къазнайы сæрмагонд кредиттæ дæттыны хъуыддаджы. Цæгат Ирыстон фæнд кæны ахæм кредиттæ райсын цалдæр инфраструктурон проекттæ царды рауадзыны тыххæй. Баст сты цæрæнуæттæ аразынимæ æмæ коммуналон инфраструктурæимæ. Ацы фарстайы фæдыл ныхас цæуы экономикон рæзты æмæ финансты министрадтимæ, стæй территориты рæзты Фондимæ. Æппæт æмбæлгæ гæххæттытæ республикæ ныридæгæн арвыста. Проекттæн ис стыр ахадындзинад. Уыдоны фæрцы æнтыстджындæрæй лыггонд цæудзысты арæзтады æмæ инфраструктурæйы модернизацийы фарстатæ. Ам зæрдæ дарæн ис федералон центры æххуысыл, – загъта премьер-министр. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, 2022-2023-æм азты Цæгат Ирыстоны инфраструктурон кредитты фæрцы æххæстгонд цæуынц 4 проекты. Фæрæзты бæрц у 811 милуан сомæй фылдæр. 620 милуан сомы онг ма нысан кæнынц 2024-2025-æм азтæн самал кæнын дæр. Фæрæзтæ схардз кæндзысты Дзæуджыхъæуы цæрæнуæтты инженерон æмæ социалон инфраструктурæйыл.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania