Сæйраг доклад дзы скодта профилон министр Сокаты Марат
Хицауады Сæрдар Дзанайты Барисæн кусæг фембæлд уыд экономикон рæзты министрадимæ. Сæйраг доклад дзы скодта профилон министр Сокаты Марат. Куыд радзырдта, афтæмæй 2025-æм азы сæ тыхы бацыдысты туризмы къабазы закъонæвæрынады ног домæнтæ. 1-æм сентябры онг фысымуæттæ, отельтæ, кемпингтæ, фæлладуадзæн базæтæ æмæ хæдзæрттæ, глэмпингтæ, хостелтæ – се ппæт дæр хъуамæ хаст æрцæуой объектты Иумæйаг реестрмæ.
Стæй ма сын хъуамæ скæной аргъ, сæрмагонд классификацимæ гæсгæ, цæмæй баззайой барадон тыгъдады. Фæлæ кæд объект реестры нæ уа, классификаци нæ ацæуа, æмæ афтæмæй туристты суазæг кæна, уæд йæ хицауы бахъæудзæн ивар бафидын. Сокаты Марат ма фехъусын кодта, ныры онг федералон реестры хыгъды сты нæ республикæйы 90 объекты. Амалхъом адæмимæ куыст цæуы дарддæр. Дзанайты Барис профилон министрады раз сæвæрдта хæс – туризмы къабазы чи кусы, уыцы амалхъом адæмæн æххуыс кæнын. Æмбырды ма æркастысты алыхуызон мадзæлттæ аразынмæ. Премьер-министр бабар кодта æппæт профилон программæтæ сæххæст кæнын. Уæлдай æргом аздæхтой проекттæ царды уадзыны æмгъуыдмæ.




