филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

20:18 суббота, 31 января 2026
17 ноября 2022, 11:21
Дзанайты Барисæн кусæг фембæлд уыди хицауады уæнгтæ æмæ муниципалон скондты сæргълæуджытимæ

Ныхас цыди, республикæйы национ проекттæ куыд æххæстгонд цæуынц, ууыл

Хицауады сæрдар Дзанайты Барисæн кусæг фембæлд уыди хицауады уæнгтæ æмæ муниципалон скондты сæргълæуджытимæ. Ныхас цыди, республикæйы национ проекттæ куыд æххæстгонд цæуынц, ууыл. Æдæппæтæй Цæгат Ирыстоны 11 нацпроекты сæххæст кæнынæн дихгонд æрцыди 11 миллиардæй  фылдæр. Æмбырды архайджытæ бæстонæй æрлæууыдысты алы къабазыл дæр. Афтæ, республикæйы арæзт цæуынц æмæ цалцæг кæнынц ахуырады, æнæниздзинадхъахъхъæнынады, культурæйы, спорты, туризмы, фæндаггон æмæ цæрæнуæтты-коммуналон комплексы объекттæ.  Бæлвырддæр та национ проект «Ахуырад»-ы фæлгæты арæзт цæуынц æртæ скъолайы, æдæппæтæй дзы уыдзæни 1300 бынаты, уый, Дзæуджыхъæуы, Беслæны æмæ Мæздæджы районы. Ахуырад æмæ ныукæйы министр Алыбекты Эллæйы ныхæстæм гæсгæ ма Дзæуджыхъæуы, Горæтгæрон районы – Черменыхъæуы æмæ Ног хъæуы, стæй Мæздæджы районы Хъызлары афæдзы кæронмæ ноджыдæр байгом уыдзæни сывæллæтты 5 рæвдауæндоны. Уым та уыдзæни 9 сæдæ дыууын бынаты. Проекты фæлгæты ма байгом сывæллæтты æмæ фæсивæды хсæн курдиæттæ гом кæныны республикон центр «Вершина», 16 æрмадзы æмæ 22 та «Точка роста»-тæ. Æнæниздзинадхъахъхъæнынады къабазы ацы аз Горæтгæрон районы рынчындоны байгом поликлиникæ, Къостайыхъæуы æмæ Хуымæллæджы та амбулаторитæ. Кæронмæ фæхæццæ кæнынц Бехъаны фельдшерон акушерон пункт æмæ Хъарман-Сындзыхъæуы амбулаторийы арæзтад. Арæзтады æмæ архитектурæйы министр Моргуаты Константин национ проект «Цæрæнуæтты æмæ горæты æнцонвадат цард»-ыл дзургæйæ загъта, республикæ ацы хъуыддаджы йæ размæ вæрд хæстæ уæлдайджынтæй кæй сæххæст кодта, уый. 323 мин квадратон метры бæсты афæдзы кæронмæ арæзт æрцæудзæн 330 мин квадратон метры. Култьтурæйы къабазы дæр ис æнтыстдзинæдтæ. Арæзт цæуынц æмæ цалцæг кæнынц 9 объекты, се хсæн – Горæтгæрон районы культурæйы хæдзæрттæ æмæ аивæдты скъолатæ. Национ проектты фæлгæты мадзæлттæм йæ цæст дары республикæйы Сæргълæууæг йæхæдæг. Дзанайты Барис æппæт ведомстæты разамонджытæй бадомдта, афæдзы кæронмæ хæстæ æмæ нысантæ 100% сæххæст кæнын.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania