Уый кусæг балцы уыд Цæгат Ирыстоны
Хицауады сæрдар Дзанайты Барисæн кусæг фембæлд уыди Пушкины номыл аивæдты Паддзахадон музейы директор Ольга Галактионоваимæ. Уый кусæг балцы уыд Цæгат Ирыстоны. Фембæлды архайдта культурæйы министр Фидараты Сослан. Ныхас кодтой æмгуыстады фарстатыл. Премьер-министр загъта, музейы цæгаткавказаг филиалæн Дзæуджыхъæуы стыр ахадындзинад кæй ис. Уымæн æмæ нæ горæты ис Уæрæсейы хуссар хайы æппæтй рагондæр театр, музей, библиотекæ æмæ симфонион оркестр. ирыстоны зæхх схъомыл кодта бирæ курдиатджын адæмы. Уыдон æгæрон æвæрæн бахастой нæ бæстæйы культурон традицитæ хъахъхъæнынмæ. Дарддæр дæр ахæм куыст цæудзæн, – загъта Дзанайты Барис.Ольга Галактионова загъта бузныг республикæйы разамындæн, сæ филиалмæ ахæм æргом здæхт кæй цæуы, уый тыххæй. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, Александр Пушкины номыл музейы филиал Дзæуджыхъæуы кусы 2010-æм азæй фæстæмæ. Стыр æргом дзы здæхт цæуы нырыккон аивадмæ, культурон политикæмæ æмæ Кавказы профессионалон æхсæнады бастдзинæдтæ фидардæр кæнынмæ.
