филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

06:01 пятница, 18 октября 2024
25 июля 2024, 13:12
Дзанайты Барисæн кусæг фембæлдтытæ арæзт цæуынц Уæрæсейы æххæстгæнæн хицаудзинады оргæнтимæ

Социалон къабазы рæзт, федералон программæты архайд, ахсджиаг объекттæ аразыныл ныхас кодтой нæ республикæйы Хицауады Сæрдар æмæ Уæрæсейы фæллойы æмæ социалон хъахъхъæнынады министры хæдивæг Магомед Абдулхалимов

Дзанайты Барисæн кусæг фембæлдтытæ арæзт цæуынц Уæрæсейы æххæстгæнæн хицаудзинады оргæнтимæ. Республикæйы сæргълæууæг Сергей Меняйлойы амындмæ гæсгæ, Мæскуыйы куыст цæуы ахсджиаг фарстатæ лыг кæныныл федералон æмвæзады. Социалон къабазы рæзт, федералон программæты архайд, ахсджиаг объекттæ аразыныл ныхас кодтой нæ республикæйы Хицауады Сæрдар æмæ Уæрæсейы фæллойы æмæ социалон хъахъхъæнынады министры хæдивæг Магомед Абдулхалимов. Дзанайты Барис куыд загъта, афтæмæй 2024-æм азы Цæгат Ирыстоны æххæстгонд цæуынц цалдæр мадзалы, социалон программæтæ æххæст кæнгæйæ. Фæрæзты иумæйаг бæрц у 16 миллиарды æмæ 400 милуан сомы. Фæрæзтæ æрвыст цæуынц Беслæны теракты хъыгдардбаййафджытæн, социалон контракттæ бафыссынæн, сывæллæттæн фиддонтыл, цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады субсидитæ дæттыныл. Стыр æргом здæхт цæуы ацæргæ æмæ инвалид адæмæн æххуысмæ. Уымæй дарддæр премьер-министр загъта, нæ республикæйы активонæй арæзт кæй цæуы ацæргæ æмæ инвалид адæмæн хæдзар-интернаты арæзтад. Йæ саразыныл 2026-æм азмæ хъуамæ радих кæной 1 миллиард æмæ 300 милуан сомы. Ныхас ма цыд нæ регионы æмбæлгæ инфраструктурæйы рацарæзтыл. Се хсæн социалон куыстуæттæ. Федералон центрæй исæм алывæрсыг æххуыс, æмæ йæ æнкъарæм, – бахахх кодта Дзанайты Барис.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania