филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

09:49 воскресенье, 01 февраля 2026
31 марта 2023, 11:13
Дзанайты Барисæн кусæг фемблд уыд Уæрæсейы Сырх Дзуары организацийы сæрдар Павел Савчукимæ

Ныхас цыд иумæйаг æмгуыстад парахат кæныныл

Хицауады сæрдар Дзанайты Барисæн кусæг фемблд уыд Уæрæсейы Сырх Дзуары организацийы сæрдар Павел Савчукимæ. Ныхас цыд иумæйаг æмгуыстад парахат кæныныл. Бæлвырддæр та – нæ республикæйы территорийы гуманитарон программæтæ царды уадзыныл, æмæ фылдæр адæмæн æххуыс кæныныл. Уæрæсейы Сырх Дзуар алы бон дæр æххæст кæны гуманитарон хæстæ. Организацийы истори фыст цæуы ныр 155 азы дæргъы. Бархионтæ æмæ активисттæ æппыæдзухдæр вæййынц фæкæсынхъуаг адæмы фарс. Сырх Дзуары цæгатирыстойнаг хайад бирæ азты кусы нæ республикæйы территорийы дæр. Павел Савчук бæстон радзырдта, нæ бæстæйы цы егъау куыст цæуы, уый тыххæй. Фыццаджыдæр бакуыстой сервисты иумæйаг системæйыл. Фæзындысты ахуыргæнæн кълæстæ æмæ центртæ. Федералон æмвæзадыл сфидар кодтой сæрмагонд проект. Йæ разамонæг у вице-премьер Татьяна Голикова. Стыр æргом ма Павел Савчук аздæхта организацийы цæгатирыстойнаг хайады æмæ йæ разамонæг Хъуысаты Иринæйы куысты хатдзæгтæм. Уæвгæ Цæгат Кавказы федералон зылды хайæдтæ се ппæт дæр сты раппæлыны аккаг, фæлæ сымах регион ис хуыздæрты æмрæнхъ – загъта федералон бæрнон кусæг.  Цæгат Ирыстоны архайдта бирæ ахсджиаг проектты. Фыццаджыдæр – Беслæны теракты хъыгдардбаййафджытæн æххуыс кæныны, стæй уæд коронавирусы ныхмæ мадзæлтты. Дзанайты Барис зæрдæ бавæрдта, дарддæр дæр республикæйы рдыгæй алывæрсыг æххуыс кæй цæудзæн, уымæй. Афтæмæй иумæйаг архайд хуыздæрырдæм фæзындзæн Цæгат Ирыстоны царды æмвæзадыл.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania