Стыр æргом аздæхтой республикæйы архайдмæ федералон программæты æмæ национ проектты
Дзанайты Барисы разамындæй æмбырды ма ныхас цыд æххæстгæнæн хицаудзинады оргæнты архайдыл. Стыр æргом аздæхтой республикæйы архайдмæ федералон программæты æмæ национ проектты. Стæй Уæрæсейы Президенты амынддзинæдтæ æмæ Беслæны генералон пълан куыд æххæстгонд цæуынц, уымæ. Дзанайты Барис куыд загъта, афтæмæй ныртæккæ национ проекттæ æмæ паддзахадон программæтæ сты ахадгæ республикæйы социалон-экономикон фарстатæ лыг кæнынæн. Цæгат Ирыстон уыцы хъуыддаджы нымад у раззагдæр регионтæй иуыл. Цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады, артаджы æмæ энергетикæйы министрады раз æвæрд æрцыд хæс – ног курдиæттæ снысан кæнын, адæмы кæлæддзаг хæдзæрттæй ногтæм раивыны федералон программæйы архайынмæ. Уымæй дарддæр Хицауады Сæрдар экономикон рæзты министрадæн бабар кодта раззагдæр проекттæн паспорттæ сног кæнын. Кæронбæттæны Дзанайты Барис се ппæты зæрдыл æрлæууын кодта, куыд ахсджиаг регионы социалон инфраструктурæйы рæзты æппæт хæстæ æмæ нысантæ афоныл æмæ хæрзхъæд æххæст кæнын.




