филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

18:05 суббота, 06 декабря 2025
06 декабря 2025, 09:41
Дзанайты Барисы разамындæй æмбырды ныхас цыд, электрон тыхæн, хъармæн æмæ газæн фиддонтыл

Æргом аздæхтой, республикон æмæ бынæттон бюджеттæй чи архайы, уыцы куыстуæттæм æмæ организацитæм

Хицауады сæрдар Дзанайты Барисы разамындæй æмбырды ныхас цыд, электрон тыхæн, хъармæн æмæ газæн фиддонтыл. Æргом аздæхтой, республикон æмæ бынæттон бюджеттæй чи архайы, уыцы куыстуæттæм æмæ организацитæм. Бæстон доклад скодта цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады, артаджы æмæ энергетикæйы министр Хъараты Тимур. Ацы азы 10 мæйы хатдзæгтæм гæсгæ, фиддонты уавæр ис хорз æмвæзадыл. Æмбырды архайджытæн премьер скодта бæлвырд амынддзинæдтæ, цæмæй фиддонтæ æмвæзадмæ цæуа бæстон цæстдард. Мониторинг цæудзæн æнæрлæугæйæ.

 

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania