филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

06:28 суббота, 21 сентября 2024
20 сентября 2024, 11:11
Дзанайты Барисы разамындæй арæзт æрцыд æнæнхъæлæджы уавæртæ ма руадзыны æмæ зынгсирвæзтыты ныхмæ къамисы æмбырд

Æрдз хъахъхъæнынады министр Бæззаты Вадим куыд загъта, афтæмæй рацарæзтой æмæ базылдысты хъæды фæндæгты 10 километрмæ

Хицауады сæрдар Дзанайты Барисы разамындæй арæзт æрцыд æнæнхъæлæджы уавæртæ ма руадзыны æмæ зынгсирвæзтыты ныхмæ къамисы æмбырд. Æрдз хъахъхъæнынады министр Бæззаты Вадим куыд загъта, афтæмæй рацарæзтой æмæ базылдысты хъæды фæндæгты 10 километрмæ. Бацæттæ кодтой, сæрмагонд ифтонггæрзтæ кæм дардзысты, ахæм 24 пункты æмæ 10 доны объекты.  Ведомствæ æдзухдæр цæст дары, зынгсирвæзтытæй тæссаг кæм у, уыцы бынæттæм. Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады республикон управленийы минæвар Дзанайты Павел фехъусын кодта, хъармгæнæн сезоны размæ цавæр мадзæлттæ аразынц, уыдоны тыххæй. Ведомствæйы специалисттæ федтой цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады объекттæ, сæххæст дзы кодтой профилактикон мадзæлттæ. Хи хæдзæртты та сбæрæг кодтой газы æмæ электрон ифтонггæрзты уавæр. Дзанайты Барис загъта, æппæт къабæзты бацархайын кæй хъæуы, цæмæй хъармгæнæн сезон ацæуа æнæ къуылымпыйæ æмæ æнæ фыдбылызтæй.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania