Уый размæ та министрадты разамонджытæ бабæрæг кодтой профилон объекттæ
Дзанайты Барисы разамындæй арæзт æрцыд Æрыдоны районы социалон-экономикон рæзты фæдыл æмбырд. Уый размæ та министрадты разамонджытæ бабæрæг кодтой профилон объекттæ. Базонгæ сты сæ архайдимæ, стæй аныхас кодтой куыстуæтты минæвæрттимæ. Социалон къабазы ахсджиагдæр хай у – цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарад. Профилон министр Хъараты Тимур куыд загъта, афтæмæй Æрыдоны дондзæуæн куыстуат у республикон куыстуаты æппæтæй ахадгæдæр филиал. Ам лæггæдтæн фиддонтæ æмбырд кæнынц 90%. Ацы аз Æрыдон фæуæлахиз, чысыл горæтты æмбæлгæ уавæрты хуыздæр проектты Æппæтуæрæсеон конкурсы. 2026-æм азы аив кæндзысты центрон фæз. Экономикон рæзты министр Сокаты Марат радзырдта егъау инвестицион проектты тыххæй. Ныртæккæ кусынц 12 проектыл. Сты алы къабæзтæй: фосдарынад, кæсаджы æмæ сæнæфсиры куыст, агротуризм. Дзанайты Барис районы разамынды ргом аздæхта активон куыстмæ, куыд егъау, афтæ чысыл бизнесимæ.




