филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

16:04 суббота, 14 июня 2025
30 апреля 2025, 10:35
Дзанайты Барисы разамындæй арæзт æрцыд хицауады æмбырд

Ныхас цыд транспортон, фæндаггон æмæ цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады, ахуырады, социалон политикæйы æмæ æндæр къабæзты фарстатыл

Дзанайты Барисы разамындæй арæзт æрцыд хицауады æмбырд. Ныхас цыд транспортон, фæндаггон æмæ цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады, ахуырады, социалон политикæйы æмæ æндæр къабæзты фарстатыл. Уымæй дарддæр сфидар кодтой, ацы азы фыццаг кварталы республикон бюджет куыд æххæстгонд æрцыд, уый. Финансты министры хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Оксана Карова куыд фехъусын кодта, афтæмæй æфтиæгтæ уыдысты 11 миллиард сомæй фылдæр æмæ систы 12 миллиарды æмæ 200 милуан сомы. Аивта, Беслæны теракты хъыгдардбаййафджытæн материалон æххуыс кæныны уавæр дæр. Хицауады æмбырды ма хаст æрцыд уынаффæ, ведомствоты хсæн къамис саразыны тыххæй. Уый дзуапп дæтдзæн Алагиры районы зæххы хæйттæ дæттынæн. Бæлвырддæр та, туристон-рекреацион комплекс «Мамысон»-ы фарс территорийы чи ис, уыдонæн.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania