филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

04:28 четверг, 05 июня 2025
23 мая 2025, 11:12
Дзанайты Барисы разамындæй арæзт æрцыд кусæг фембæлд министртимæ стæй республикæйы районты сæргълæуджытимæ

Бæстон ныхас цыд, социалон нысаниуæг кæмæн ис, уыцы объектты арæзтады æмæ рацарæзты фарстатыл

Хицауады сæрдар Дзанайты Барисы разамындæй арæзт æрцыд кусæг фембæлд министртимæ стæй республикæйы районты сæргълæуджытимæ. Бæстон ныхас цыд, социалон нысаниуæг кæмæн ис, уыцы объектты арæзтады æмæ рацарæзты фарстатыл. Бæлвырддæр та – профилон министртæ докладтæ скодтой контракттæ бафыссыны тыххæй, стæй ныртæккæ фæзты цавæр куыст цæуы, уый тыххæй. Дзанайты Барис загъта, республикæйы сæргълæууæг Сергей Меняйлойы амындмæ гæсгæ, хъæуы куыстыты цыд фæтагъддæр кæнын, æмæ æппæт фарстатæ афоныл лыг кæнын.  Ахсджиаг хъуыддаг у контракттæ йæ афоныл бафыссын, æмæ объекттæ эксплуатацийы раттын. Уæлдай æргом аздахын хъæуы цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады объекттæм, фæндæгты рацарæзтмæ, стæй скъолаты бындурон цалцæгмæ. Уымæй дарддæр ныхас цыд æхсæнадон территориты аивдзинадыл æмæ муниципалон скондты санитарон уавæрыл.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania